3 Йерусалимы ӕрцӕрӕг адӕм уыдысты Иудӕйы, Бениамины, Ефремы ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕй.
Адон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ цардысты Йерусалимы.
Иудӕйы фырт Парецы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Утай. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Аммиуд, Омри, Имри, Бани.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ.
Фӕлӕ уӕддӕр Асир, Менассиа ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй чидӕртӕ ӕрныллӕг кодтой сӕхи ӕмӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ.
Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.