29 Иннӕты къухы уыдысты Кувӕндоны иннӕ мигӕнӕнтӕ, стӕй ӕвзаргӕ ссад, сӕн, сой, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр.
Сӕ иуты къухы уыдысты аргъауыны ахсджиаг мигӕнӕнтӕ, нымадӕй сӕ хастой мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддемӕ дӕр.
Сауджынтӕ ӕмӕ левитты, стӕй хӕзнадоны тыххӕй Давид цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдонӕй иу мисхалы бӕрц дӕр иуварс ничи ахызт.
Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй-иу дӕм цырагъдарӕнӕн ӕрбахӕссой къухӕй лӕмӕрст сыгъдӕг оливӕйы сой — цырагъдарӕны цырӕгътӕ кӕддӕриддӕр куыд судзой.