Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 9:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕ дӕр хъалагъур хастой Дунедарӕджы хӕдзары, Уаз Цатыры, дуӕртты цур.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 9:23
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕмӕй сӕ бӕрны уыди Фембӕлды Цатыры куыст ӕмӕ Кувӕндоны куыст; хъуамӕ се ’рвадӕлтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс кодтаиккой Дунедарӕджы хӕдзары.


Ацы дуаргӕсты къордтӕ, сӕ хистӕртӕ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй се ’рвад-ӕфсымӕртау лӕггад кодтой Дунедарӕджы хӕдзары.


Дуаргӕстӕ кӕй скодтой, уыдон ӕдӕппӕт уыдысты дыууӕсӕдӕ дыууадӕс. Мыггӕгты номхыгъды фыст ӕрцыдысты сӕ хъӕуты. Дуаргӕстӕй сӕ сӕвӕрдтой Давид ӕмӕ зонынджын Самуел.


Дуаргӕстӕ хъалагъур хастой цыппарӕрдыгӕй: скӕсӕнӕрдыгӕй, ныгуылӕнӕрдыгӕй, цӕгатӕрдыгӕй ӕмӕ хуссарӕрдыгӕй.


Кувӕндоны кулдуӕртты раз сӕвӕрдта хъахъхъӕнджытӕ, цӕмӕй, истӕй тыххӕй сыгъдӕг чи нӕ разына, уый мидӕмӕ ма бацӕуа.


Уыдон уыдысты зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ, уазлӕггад кодтой сӕ Хуыцауӕн, архайдтой сыгъдӕг кӕныны хъуыддӕгты, Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕй куыд фӕдзӕхст уыди, афтӕ.


Уыцы лӕг мын загъта: «Йе ’ргом хуссарӕрдӕм кӕмӕн у, уыцы агъуыст лӕвӕрд у Кувӕндоны кусӕг сауджынтӕн,


Ӕз сӕ бафтаудзынӕн Кувӕндоны лӕггад кӕныныл, стӕй йӕ алы куыстытӕ ӕххӕст кӕныныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ