2 Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.
Мӕнӕ адон сты, Вавилоны паддзах Навуходоносор йемӕ уацары кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ — алчи йӕхи сахармӕ — чи ӕрыздӕхти, нӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ.
Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕ: Цихайы, Хасуфайы, Таббаоты,
Кувӕндоны кусджыты ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ.
Сауджынтӕ дӕр, левиттӕ дӕр, адӕм дӕр, уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр, дуаргӕстӕ дӕр, Кувӕндоны кусджытӕ дӕр ӕрбынӕттон сты сахарты ӕмӕ сӕ алфамбылӕйтты. Израил иууылдӕр сӕ сахарты цӕрын райдыдтой.
уыдонимӕ — Давид ӕмӕ йӕ ӕлдӕрттӕ левиттӕн лӕггадгӕнӕгӕй кӕй сӕвӕрдтой, Кувӕндоны уыцы кусджытӕй — дыууӕсӕдӕ дыууын, иууылдӕр фыст ӕрцыдысты номхуындӕй.
Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты;
Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.
Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, адӕм ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕ, израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрбынӕттон сты сӕ сахарты».