Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ныронг дӕр сӕ мыггӕгтӕ хъалагъур хӕссынц Паддзахы кулдуары цур, Кувӕндоны скӕсӕнварс. Сӕ фыдӕлтӕ кӕддӕр уыдысты левитты рӕсӕнуӕтты хъахъхъӕнджытӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 9:18
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.


Уый тыххӕй бардзырд радта сӕдӕйыхицӕуттӕн, стӕй паддзахы хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Ӕмӕ паддзахы Дунедарӕджы Кувӕндонӕй хъахъхъӕнджыты кулдуарыл паддзахы галуанмӕ бахуыдтой. Ӕмӕ паддзах уым йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадт.


Ноджы ма фехалын кодта, Кувӕндоны кӕрты сабаты ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн цы агъуыст сарӕзтой, уый, стӕй, паддзахӕн кӕрты ӕдде Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цы бацӕуӕн уыд, уый дӕр (ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзт ӕрцыдысты ассириаг паддзахы сӕраппонд).


Дуаргӕстӕй ӕрыздӕхтысты: Шаллум, Аккув, Талмон, Ахиман ӕмӕ се ’фсымӕртӕ; Шаллум сын хицау уыд.


Шаллум (йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Коре, Евиасаф, Корах) йе ’рвадӕлтимӕ, Корахы байзӕддӕгтимӕ, хъалагъур лӕууыдысты Цатыры къӕсӕрыл, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн куыд хъахъхъӕдтой, афтӕ.


Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.


Уыцы лӕг мӕ ногӕй скӕсӕнварс кулдуары цурмӕ ӕрбакодта. Кулдуар уыди ӕхгӕд.


Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны уӕгъд куынӕуал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ