17 Дуаргӕстӕй ӕрыздӕхтысты: Шаллум, Аккув, Талмон, Ахиман ӕмӕ се ’фсымӕртӕ; Шаллум сын хицау уыд.
Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.
дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта.
ноджы ма Овади, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Шемайа, Галал, Йедутун, стӕй нетофӕгты хъӕуты цӕрӕг Варахи, Елканайы байзӕддаг Асайы фырт.
Ныронг дӕр сӕ мыггӕгтӕ хъалагъур хӕссынц Паддзахы кулдуары цур, Кувӕндоны скӕсӕнварс. Сӕ фыдӕлтӕ кӕддӕр уыдысты левитты рӕсӕнуӕтты хъахъхъӕнджытӕ.
Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Кувӕндоны дуаргӕстӕ: Шаллумы, Атеры, Талмоны, Аккувы, Хатитайы, Шовайы мыггӕгтӕ — ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ ӕртын фараст лӕджы.
Дуаргӕстӕ: Аккув, Талмон ӕмӕ се ’фсымӕртӕ, хъахъхъӕдтой кулдуӕрттӕ. Уыдысты сӕдӕ ӕвдай дыууӕ.