13 Семӕ ӕрыздӕхтысты се ’рвадӕлтӕ дӕр, мыггӕгты хистӕртӕ, мин авдсӕдӕ ӕхсай лӕджы — Хуыцауы хӕдзары фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕ.
Хевроны байзӕддагӕй: Хашавиа ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ, мин ӕмӕ авдсӕдӕ лӕджы, ӕхсарджын адӕм. Уыдон сӕ цӕст дардтой, Израилы Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм Дунедарӕгӕн куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ, стӕй паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм.
Паддзах Давид Йериайы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты — дыууӕ мины ӕмӕ авдсӕдӕ сӕрӕн лӕджы, мыггӕгты хистӕрты — баурӕдта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгты сӕргъы, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы сӕргъы, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Израилы дины ӕмӕ паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм.
Овед-Едомы фырт Шемайайӕн дӕр райгуырди фырттӕ. Уыдон сӕ мыггагӕн уыдысты уынаффӕгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ сӕрӕн лӕгтӕ уыдысты.
Адайа, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Йерохам, Пашхур, Малкиа; ноджы ма Масай, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Адиел, Йахзера, Мешуллам, Мешиллемит, Иммер.
Левиттӕй ӕрыздӕхти Шемайа, Мерарийы мыггагӕй, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Хашшув, Азрикам, Хашавиа,
ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ. Ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ дыууын аст, ахъаззаджы адӕймӕгтӕ. Хицау сын уыди Хагдолимы фырт Забдиел.