Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Афтӕ хыгъд ӕрцыдысты Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ, фыст сты Израилы паддзӕхты чиныджы. Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй иудейӕгты уацары атардтой Вавилонмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 9:1
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йӕ хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ, паддзахиуӕг куыд кодта, уыдӕттӕ, фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Йерусалимӕн ратардта йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр, ӕлдарӕй, ӕфсады хицауӕй — иу-дӕс мины бӕрц. Ноджы ма — хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырдты. Ныууагъта ма ӕрмӕстдӕр мӕгуырты.


Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.


Ноджы ма — авд мин хӕстоны, мин ӕрмдӕсныйы, уыимӕ хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырды дӕсныты, стӕй ма, йӕ бон хӕцӕнгарзӕй хӕцын кӕмӕн уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр вавилойнаг паддзах йемӕ уацары акодта Вавилонмӕ.


Уламы фырттӕ уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, дӕсны фатӕхсджытӕ. Сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цот уыдысты дӕс ӕмӕ авдыссӕдз. Адон се ’ппӕт дӕр сты Бениамины байзӕддӕгтӕ.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Мӕнӕ адон сты, Вавилоны паддзах Навуходоносор йемӕ уацары кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ — алчи йӕхи сахармӕ — чи ӕрыздӕхти, нӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ.


Стӕй ма, Тел-Мелах, Тел-Харша, Керув, Аддан, Иммерӕй чи рацыд, фӕлӕ йӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ мыггаг Израилӕй сты ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъын йӕ бон кӕмӕн нӕ бацис, уыдон:


Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.


Уӕд Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрдыл ӕрӕфтыд номдзыддӕртӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын ӕрфыст саразын. Ссардтон, уацарӕй раздӕр чи ӕрбаздӕхт, уыдоны хӕдзарвӕндаггай номхыгъд. Фыст дзы уыди:


Сӕ фыдӕлты тыххӕй исты фыст кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг фӕцагуырдтой, фӕлӕ ницы ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтыл нал банымадтой.


се ’хсарджын балхонты ӕмӕ сӕ хӕстонты, тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ пехуымпарты, зонынджынты ӕмӕ мыггӕгты хистӕрты,


Знӕгтӕ Негевы сахартыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ чи фервӕзын кӕна, уый нӕй! Ӕгас Иудейы уацары фӕкӕнынц, фӕстаг лӕджы онг уацайраг сси!


Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ