34 Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха.
Саулы фырт Ионатанӕн уыдис иу къуылых фырт. Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар куы ӕрбайхъуысти Изреелӕй, уӕд ыл цыди фондз азы. Йӕ дыджызӕ йӕ фелвӕста ӕмӕ лидзынмӕ фӕци. Фыр тагъдӕй саби йӕ къухтӕй ӕрхауди ӕмӕ фӕкъуылых ис. Йӕ ном хуынди Мефивошет.
Кус ын йӕ зӕххыл дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ цагъартимӕ ӕмӕ йын йӕ тыллӕг дӕтт, цӕмӕй дӕ хицау мацы хъуаг уа. Дӕ хицауы фырт Мефивошет йӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзӕнис». (Цивайӕн уыди фынддӕс фырты ӕмӕ йӕм уыд ссӕдз цагъары.)
Мефивошетӕн уыди фырт, нырма чысыл лӕппу, йӕ ном — Миха. Цивайы хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр лӕггад кодтой Мефивошетӕн.
Саулы фырты фырт, Ионатаны фырт Мефивошет бацыди Давидмӕ ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудис. «Мефивошет!» — сдзырдта йӕм Давид. «Мӕнӕ ис дӕ цагъар», — дзуапп радта уый.
Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал.
Михайы фырттӕ: Питон, Мелех, Тареа, Ахаз.
Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха.