28 Адон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ цардысты Йерусалимы.
Йареши, Илийа, Зихри — Йерохамы фырттӕ.
Гивоны царди Йеиел, Гивоны сахарӕн йӕ бындурӕвӕрӕг; йӕ усы ном — Мааха.
Миклотӕй райгуырди Шема. Адон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртимӕ цардысты Йерусалимы.
Йерусалимы ӕрцӕрӕг адӕм уыдысты Иудӕйы, Бениамины, Ефремы ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕй.
Адон уыдысты левитты мыггӕгты хистӕртӕ; цардысты Йерусалимы.
Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Саллу. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Мешуллам, Ходави, Сенуа.
Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.
Фӕлӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕм Йерусалимӕй йевусӕгты фӕсурыны хъомыс нӕ разынд, ӕмӕ абон дӕр сӕ фарсмӕ цӕрынц Йерусалимы.
Цела-Елеф, Йевус (ома Йерусалим), Гевӕ ӕмӕ Кирйат-Иарим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. Ахӕм уыди мыггаггай Бениамины байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.
Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц.