24 Ефремӕн уыди чызг дӕр — Шеера. Уый сарӕзта ӕртӕ сахары: Дӕллаг Бет-Хорон, Уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ Уззен-Шеера.
Ӕмӕ ныр Соломон ногӕй рацарӕзта Гезеры сахар. Ноджы ма рацарӕзта сахартӕ дӕллаг Бет-Хорон
Фӕстӕдӕр Ефрем йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыд, ус банхъӕлцау ӕмӕ лӕппу ныййардта. Ефрем ыл сӕвӕрдта ном Бриа, уымӕн ӕмӕ бӕллӕх ӕрцыд йӕ хӕдзарыл.
Ефремӕн ма ноджыдӕр уыди фырттӕ: Рефах ӕмӕ Решеф. Решефы фырт — Телах, уый фырт Тахан,
Рацарӕзта уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ дӕллаг Бет-Хорон, бырутӕй ӕхгӕд фидӕрттӕ сӕ скодта, сӕ кулдуӕрттыл — ӕвдузӕнтӕ ӕвӕрд.
Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.
ӕмӕ дарддӕр ныгуылӕнӕрдӕм ӕрхызти йафлетӕгты ӕмӕ Дӕллаг Бет-Хороны зӕххытӕм, стӕй Гезермӕ, аххӕссыди суанг Зӕххастӕуы денджызы онг.
Ефремы байзӕддаджы мыггӕгтӕ цы зӕххытӕ райстой, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕнӕрдыгӕй райдыдта Атрот-Аддарӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Уӕллаг Бет-Хороны онг.