Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 7:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Галаады хо Хаммолехет ныййардта Ишходы, Авиезеры ӕмӕ Махлайы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 7:18
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уламы фырт хуынди Бедан. Адон сты Галаады байзӕддӕгтӕ, рацыдысты Менассиайы фырт Махиры артӕй.


Шемидайы фырттӕ: Ахйан, Шехем, Ликхи, Аниам.


Галаады фырттӕ: Иезерӕй — Иезеры хӕдзарвӕндаг, Хелекӕй — Хелечы хӕдзарвӕндаг,


Уыцы халмӕ гӕсгӕ зӕххытӕ райстой Менассиайы байзӕддаджы иннӕ мыггӕгтӕ дӕр: Авиезеры мыггаг, Хелекы мыггаг, Асриелы мыггаг, Шехемы мыггаг, Хеферы мыггаг, Шемидайы мыггаг. Авиезер, Хелек, Асриел, Шехем, Хефер, Шемида сты Йосефы фырт Менассиайы нӕлгоймаг-байзӕддӕгтӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгты фыдӕлтӕ.


Дунедарӕджы зӕд Офрайы сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ, Иоасы зӕххыл цы тулдз уыдис, уый бын ӕрбадти. Иоас уыди Авиезеры хӕдзарвӕндагӕй. Уыцы рӕстӕг йӕ фырт Гедеон мӕнӕу ссадта сӕндуцӕны, цӕмӕй йӕ мидианӕгтӕ ма бафиппайой.


Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.


Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта.


Гедеон сын дзуапп радта: «Ау, ӕмӕ мӕнӕн цы бантысти, уыдон уӕ хъуыддӕгтимӕ абарӕн ис? Ефреммӕ ӕрхаудысты сӕнӕфсиры фӕстаг цупӕлттӕ, уыдон Авиезеры ӕфтиагӕй бирӕ хуыздӕр сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ