17 Уламы фырт хуынди Бедан. Адон сты Галаады байзӕддӕгтӕ, рацыдысты Менассиайы фырт Махиры артӕй.
Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.
Махиры ус Мааха ныййардта фырт ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Переш. Йе ’фсымӕры ном — Шереш. Шерешы фырттӕ: Улам ӕмӕ Рекем.
Галаады хо Хаммолехет ныййардта Ишходы, Авиезеры ӕмӕ Махлайы.
Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.