Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 6:71 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

71 Гершоны байзӕддӕгтӕн, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис кӕм царди, уыцы зӕххыл, Башаны, радтой Голан йӕ хизӕнуӕттимӕ, стӕй Аштарот йӕ хизӕнуӕттимӕ;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 6:71
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы зӕххыл та — Анер йӕ хизӕнуӕттимӕ ӕмӕ Билам йӕ хизӕнуӕттимӕ. Адон радтой, Кехаты байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыцы мыггӕгтӕн.


Иссахары хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Кедеш йӕ хизӕнуӕттимӕ, Даверат йӕ хизӕнуӕттимӕ,


Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.


Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл.


Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай.


Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм сӕрӕфснайынӕн сбӕрӕг кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: ӕдзӕрӕг быдыры, тъӕпӕны — Бецер (Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй), Галаады — Рамот (Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй) ӕмӕ Башаны — Голан (Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй).


Гершоны байзӕддӕгтӕн, левитты мыггӕгтӕн, радтой: Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Голан йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Башаны, стӕй Беештерайы йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: дыууӕ сахары.


Гершоны байзӕддӕгтӕм — левиттӕм, Иссахары, Асиры ӕмӕ Неффалимы хӕдзарвӕндӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы мыггӕгтӕй халмӕ гӕсгӕ Башаны ӕрхауди ӕртындӕс сахары.


стӕй Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕн — Хешбоны паддзах Сигонӕн ӕмӕ, Аштароты чи царди, Башаны уыцы паддзах Огӕн — цытӕ бакодта, уыдӕттӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ