66 Кехаты байзӕддӕгтӕй ма кӕцыдӕр мыггӕгтӕм, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, Ефремы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл
Кехаты байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыцы мыггӕгтӕм Ефрем ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндӕгты зӕххы хӕйттыл, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис кӕм цардысты, уыцы зӕххыл, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауди дӕс сахары.
ӕрхауди мӕнӕ ацы ӕмбӕхсӕн сахартӕ дӕр: Шехем йӕ хизӕнуӕттимӕ Ефремы хӕхбӕсты, стӕй Гезер йӕ хизӕнуӕттимӕ;
Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл.