55 Иудӕйы зӕххыл бахай кодтой Хеврон ӕмӕ йӕ алыварс хизӕнуӕттӕ.
Йешуа раарфӕ кодта Иефоннейы фырт Калевӕн ӕмӕ йын фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радта Хеврон.
Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Йешуа Иефоннейы фырт Калевӕн Иудӕйы байзӕддӕгты ’хсӕн радта хай: Кирйат-Арба — Анакы фырт Арбайы сахар (ома Хеврон).
Калевӕн радтой Хеврон, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ йӕ Анакы ӕртӕ байзӕддагӕй байста.