53 уый фырт Цадок, уый фырт Ахимаац.
Шева — нымӕрдар, Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;
Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех — сауджынтӕ, Серай — нымӕрдар,
Ӕрмӕст Адониа нӕ фӕхуыдта мӕн — дӕ лӕггадгӕнӕджы, стӕй сауджын Цадокы, Йеходайы фырт Бенайайы ӕмӕ дӕ фырт Соломоны.
Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрдӕнт, цӕмӕй суа Израилы паддзах. Уӕд-иу сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ ныхъхъӕр кӕнут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“
Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.
Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.
Йеходайы фырт Бенайа — ӕфсады хицау; Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;
Ӕхсарджын хӕстон лӕппу Цадок ӕм ӕрцыд йӕ мыггагӕй дыууын дыууӕ хицауимӕ.
Гершомы хистӕр фырт — Шевуел.
Давид Елеазары байзӕддаг Цадок ӕмӕ Итамары байзӕддаг Ахимелехы ӕххуысӕй сауджынты адих кодта хицӕн къордтыл.
Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.
уый фырт Мерайот, уый фырт Амариа, уый фырт Ахитув,
Мӕнӕ левитты цӕрӕнуӕттӕ, сӕ зӕххытӕ. Кехаты мыггаджы иу хайӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, сӕ хал фыццаг кӕй схаудта, уымӕ гӕсгӕ сын
Ахитувӕй райгуырд Цадок; Цадокӕй райгуырд Ахимаац;
Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Ӕз та Мӕхицӕн сӕвӕрдзынӕн иузӕрдион сауджын, Мӕ фӕндон Мын чи ӕххӕст кӕна, ахӕм. Ӕз ын даргъ-уӕрӕх ауадздзынӕн йӕ хӕдзарвӕндаг, ӕмӕ ӕнусмӕ лӕггад кӕндзӕни Мӕ байсӕрст паддзахӕн.