51 уый фырт Букки, уый фырт Уззи, уый фырт Зерахи,
Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт — Елеазар, уый фырт Пинхас, уый фырт Авишуагъ,
уый фырт Мерайот, уый фырт Амариа, уый фырт Ахитув,
Кехаты байзӕддӕгтӕм, левитты иннӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм, халмӕ гӕсгӕ сахартӕ ӕрхауди Ефремы хӕдзарвӕндагӕй.
Кехаты иннӕ байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, Ефрем ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы мыггӕгтӕй халмӕ гӕсгӕ ӕрхауди дӕс сахары.