Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 6:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ та хастой нывӕндтӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл. Кодтой уазлӕггады куыст, ӕххӕст кодтой Израилы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдӕуттӕ — Хуыцауы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 6:49
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иннӕ левиттӕн, се ’рвадӕлтӕн, лӕвӕрд ӕрцыд алы куыст Дунедарӕджы цӕрӕны, Хуыцауы хӕдзары.


куы йын батӕригъӕд кӕна ӕмӕ куы зӕгъа, ингӕнмӕ йӕ ма ауадз, ӕз ын ахӕстаргъ ссардтон, зӕгъгӕ,


Хъуамӕ сӕхӕдӕг бахӕрой, ссыгъдӕг кӕнын, сауджын скӕнын ӕмӕ срухс кӕныны тыххӕй сын цы нывӕндтӕ ӕрхастӕуыди, уыдон. Ӕддагон дзы ма саходӕд — уаз у.


Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Ацы галӕн дӕр, тӕригъӕды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бакӕнӕд. Афтӕмӕй алчер сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ сын уӕд уыдзӕни барст.


Ссыгъдӕг кӕнӕд сауджын ӕппӕт израилӕгты дзыллӕ, ӕмӕ сын хатыр уыдзӕн: рӕдыд ӕрцыд, ӕмӕ уыцы рӕдыды тыххӕй уыдон арты нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, стӕй ма тӕригъӕды нывонд дӕр ӕрхастой Дунедарӕджы раз.


Загъта Моисей Корахӕн: «Ды ӕмӕ де ’мбӕлттӕ уе ’ппӕт дӕр райсом хъуамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууат: ды дӕр, де ’мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ Аарон дӕр.


Ӕмӕ амарди уым, Моавы бӕстӕйы, Моисей, Дунедарӕджы цагъар, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.


Дунедарӕджы цагъар Моисей куы амарди, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕгӕн, Дунедарӕг загъта:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ