48 Иннӕ левиттӕн, се ’рвадӕлтӕн, лӕвӕрд ӕрцыд алы куыст Дунедарӕджы цӕрӕны, Хуыцауы хӕдзары.
Давид фӕсидт Израилы ӕппӕт ӕлдӕрттӕм, сауджынтӕм ӕмӕ левиттӕм.
Махли, Муши, Мерари, Левий.
Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ та хастой нывӕндтӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл. Кодтой уазлӕггады куыст, ӕххӕст кодтой Израилы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдӕуттӕ — Хуыцауы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Гершоны байзӕддӕгтӕн, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Иссахар, Асир ӕмӕ Неффалимы хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй Башаны чи царди, уыдоны зӕххыл радтой ӕртындӕс сахары.
Мерарийы байзӕддӕгтӕн, левитты иннӕ мыггӕгтӕн, радтой: Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — Йокнеам йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Карта йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ,