Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 6:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Елкана, Йерохам, Елиел, Тоах,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 6:34
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн.


Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгты — сауджынты — къордтӕ. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Гъе адон — сауджынты къордтӕ, Дунедарӕджы хӕдзармӕ цӕуынӕн ӕмӕ уым лӕггад кӕнынӕн, сӕ фыдӕл Ааронӕн Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ.


Мӕнӕ, сӕ фырттимӕ лӕггад чи кодта, уыдон: Кехаты мыггагӕй: Хеман, зарӕггӕнӕг; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Иоел, Самуел,


Мӕ хъӕбултӕ, ӕнӕмӕт ма ут! Дунедарӕг уӕ равзӕрста, цӕмӕй Йӕ разы лӕууат, лӕггад Ын кӕнат ӕмӕ Йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзат, уый тыххӕй!»


Израилӕгты ’хсӕнӕй фӕсид де ’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Аарон ыл буд судзӕд алы райсом, цырагъдарӕны цырӕгътӕ-иу куы барӕвдз кӕна, уый фӕстӕ,


Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕ нывондхӕссӕныл арт скӕнӕнт ӕмӕ йыл сугтӕ ӕрӕвӕрӕнт.


Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Аарон-иу Рухсмонуатмӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд хъуамӕ Фембӕлды Цатыры иунӕг адӕймаг дӕр ма уа, цалынмӕ фӕстӕмӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн йӕхи, йӕ хӕдзаронты ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.


стӕй йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕн авд хатты тугӕй бапырх кӕнӕд. Афтӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнӕд израилӕгты тӕригъӕдтӕй ӕмӕ йӕ срухс кӕнӕд.


Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ