31 Дунедарӕджы хӕдзары Фидыды Чырын куы ӕрӕнцад, уый фӕстӕ дзы Давид сӕвӕрдта зарӕггӕнджыты.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын бахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым нысангонд бынаты сӕвӕрдтой. Давид Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхаста.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Фембӕлды Цатыр, стӕй, Цатыры цы уаз дзауматӕ уыди, уыдон иууылдӕр.
Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр.
Давид, Израилы хистӕртӕ ӕмӕ миныхицӕуттӕ ацыдысты ӕмӕ Овед-Едомы хӕдзарӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахастой.
Давидӕн йӕ уӕлӕ уыди пӕлӕз, лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымацӕй; ахӕм пӕлӕзтӕ уыди Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕн се ’ппӕтыл дӕр, стӕй ма зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ сӕ разамонӕг Кенаниайыл. Давидыл ма ноджы уыди гӕн хъуымацӕй ефод дӕр.
уый фырт Шима, уый фырт Хагги, уый фырт Асайа.
Уыдонӕн зарыны лӕггад кодтой Фембӕлды Цатыры цур, цалынмӕ Соломон Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар нӕ сарӕзта, уӕдмӕ. Се ’гъдаумӕ гӕсгӕ-иу ӕрлӕууыдысты сӕ куысты уӕлхъус.
Зарӕггӕнджытӕ, левитты мыггӕгты хистӕртӕ, цардысты Кувӕндоны хатӕнты. Иннӕ куыстытӕй уыдысты сӕрибар, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр ӕххӕст кодтой, сӕ бӕрны чи уыд, уыцы куыст.
Аразджытӕ Дунедарӕджы хӕдзары бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд сауджынты сӕ уазлӕггады дарӕсты, хӕтӕлтимӕ, стӕй левитты, Асафы байзӕддӕгты, цимбалтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй сӕ бынӕтты ӕрлӕууын кодтой, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы паддзах Давид куыд амыдта, афтӕ.
Цӕгатварс кулдуары ӕмӕ хуссарварс кулдуары цур уыди фӕйнӕ агъуысты. Фыццаг агъуыстӕн йе ’ргом уыд хуссарӕрдӕм, дыккагӕн та — цӕгатӕрдӕм.