Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 6:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Амрамы цот: Аарон, Моисей ӕмӕ Мариам. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 6:3
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уззиелы мыггаджы раздзог Аминадав ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууадӕс ӕмӕ фондзыссӕдз лӕгмӕ.


Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, цыппар.


Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн.


Ицхары мыггагӕй: Шеломот, Шеломоты фырттӕй — Йахат.


Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел.


Елеазарӕй райгуырд Пинхас; Пинхасӕй райгуырд Авишуагъ;


Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.


Сабийы хо дӕрддзӕфгомау лӕууыд ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ йӕ хъус дардта.


Сабийы хо йӕ бафарста: «Дзуттаг дыджызӕмӕ фӕдзурон, цӕмӕй дын ӕй схӕсса?»


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут.


Израилӕгты ’хсӕнӕй фӕсид де ’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.


Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары.


Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авигу сӕ будсудзӕнтӕ райстой, нывӕрдтой дзы судзгӕ ӕвзалытӕ ӕмӕ буд, ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ нӕфӕтчиаг зынг бахастой, афтӕмӕй сын уый ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхста.


Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Райсут, Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй цы ссад баззади, уый, скӕнут дзы донгонд дзултӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны цур бахӕрут — уыдон сты иууылсыгъдӕг.


Моисей бафарста, тӕригъӕды нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы цӕу кӕм ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ базыдта, ныридӕгӕн сыгъд кӕй ӕрцыди, уый. Моисей смӕсты ис Елеазар ӕмӕ Итамармӕ, Аароны фырттӕй ма удӕгасӕй чи баззади, уыдонмӕ. Загъта сын:


Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ