24 Мӕнӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕ: Ефер, Иши, Елиел, Азриел, Йеремиа, Ходави ӕмӕ Йахдиел, уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд лӕгтӕ.
Уыдон Давиды фарс хӕцыдысты абырджыты ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ. Фӕстӕдӕр систы ӕфсады хицӕуттӕ.
Аппаимы фырт — Иши. Ишийы фырт — Шешан. Шешан уыди Ахлайы фыд.
Кӕй кой рачынд, уыдон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ. Ацы мыггӕгтӕ сбирӕ сты.
Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбис цардысты Башанӕй Баал-Хермоны онг, стӕй Сенир ӕмӕ Ермоны хӕхты онг зӕххытыл. Дзӕвгар уыди сӕ нымӕц.
Фӕлӕ Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕ сӕ фыдӕлты Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ куы сивтой ӕмӕ, Хуыцау сын сӕ цуры цы бӕстӕйы адӕмты ныццагъта, уыдоны хуыцӕуттӕм кувын куы байдыдтой,
Уззийы фырт — Израхиа. Израхиайы фырттӕ: Михаел, Овади, Иоел, Ишшиа. Фондзӕй дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ.