22 Цагъды дӕр сӕ бирӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уыд ацы хӕст. Адон та сын сӕ цӕрӕнты фӕцардысты, цалынмӕ сын сӕхи дӕр уацары нӕ атардтой, уӕдмӕ.
Гадмӕ абырджыты бардз лӕбурдзӕни, фӕлӕ сӕ уый зӕйау йӕ разӕй ахӕсдзӕн.
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.
Симеоны хӕдзарвӕндаджы уӕлдӕр ранымад мыггӕгтӕ уырдӕм ӕрцыдысты Иудейы паддзах Езекиайы заман, сӕхи ныццавтой Хамы байзӕддӕгты цатыртӕ ӕмӕ меунӕгты цӕрӕнтыл, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой ӕмӕ сын ӕрцардысты сӕ бынӕтты, уымӕн ӕмӕ дзы сӕ фосы дзугтӕн уыди хизӕнтӕ.
Ратардтой сын сӕ фос: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мины теуатӕ, дыууӕсӕдӕ фӕндзай мины лыстӕг фос, дыууӕ мины та хӕрджытӕ. Сӕ адӕмӕй сын сӕдӕ мины райстой уацары.
уӕд сын Израилы Хуыцау сӕ ныхмӕ самидин кодта Ассирийы паддзах Пулы — йӕ иннӕ ном Тиглат-Пилесер, — ӕмӕ уый Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе ’мбис уацары райста, акодта сӕ Халахмӕ, Хавормӕ, Харамӕ ӕмӕ Гозаны донмӕ, ӕмӕ ма абоны онг дӕр цӕрынц уым.
Ахимоты фырт — Елкана, уый фырт Цофай, уый фырт Нахат, уый фырт
Филистимӕгтимӕ, стӕй Гур-Баалы цӕрӕг араббӕгтӕ ӕмӕ меунӕгтимӕ куы хӕцыди, уӕд ын Хуыцау ӕххуыс кодта.
Ассирийы паддзахӕн йӕ хъомыс у адӕймаджы хъомыс, махӕн та немӕ ис Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. Уый нын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ сӕрвӕлтау тох кӕндзӕни». Иудейаг паддзах Езекиайы ныхас адӕмы зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта.
Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?
Сымахӕй иу лӕг йӕ хъӕлӕсы ахӕссы мин фыдгулы, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд дзырдта, афтӕ Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс.