Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 5:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ратардтой сын сӕ фос: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мины теуатӕ, дыууӕсӕдӕ фӕндзай мины лыстӕг фос, дыууӕ мины та хӕрджытӕ. Сӕ адӕмӕй сын сӕдӕ мины райстой уацары.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 5:21
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты.


Цагъды дӕр сӕ бирӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уыд ацы хӕст. Адон та сын сӕ цӕрӕнты фӕцардысты, цалынмӕ сын сӕхи дӕр уацары нӕ атардтой, уӕдмӕ.


Ӕмӕ Дунедарӕг Аса ӕмӕ иудейӕгтӕн уӕлахиз радта. Эфиопӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты.


Суанг ма сын сӕ фыййӕутты цатыртӕ дӕр сафтид кодтой, лыстӕг фосы ӕнӕнымӕц дзугтӕ ӕмӕ теуатӕ ратӕлӕт кодтой. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ.


Сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ теуатӕ, се ’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт мигӕнӕнтӕ байсдзысты ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас!»


адӕймӕгтӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи нӕма ӕрцыд, ахӕм сылыстӕг, ӕдӕппӕтӕй — ӕртын дыууӕ мины.


корицӕ, хъацӕнтӕ, буд ӕмӕ миррӕ, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ — адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ