16 Цардысты Галаады зӕххыл, Башаны хъӕуты, стӕй Шароны ӕппӕт уӕтӕрты, суанг сӕ арӕнты онг.
Шароны цы стурвос хызти, уыдонмӕ — шаройнаг Шитрай, дӕлвӕзты стурвосмӕ та — Адлайы фырт Шафат;
Гунийы байзӕддаг Авдиелы фырт Ахи уыди сӕ мыггаджы хистӕр.
— Ӕз — шаройнаг нарцисс, дӕлвӕзты кӕркусӕг!
Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!
Мӕ кувӕг адӕмы лыстӕг фосӕн Шарон уыдзӕни хизӕнуат, се стуртӕн та Ахоры дӕлвӕз — ривӕддон.
Лиддӕ ӕмӕ йӕ Шароны цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой.
Гады хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ:
Ам уыдысты, мыггаггай, Гады байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбойнаг зӕххытӕ: сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.