11 Гады байзӕддӕгтӕ цардысты Башаны зӕххыл, суанг Салхайы онг. Рувимы хӕдзарвӕндагимӕ уыдысты ӕмарӕн.
Башаны цӕрджытӕн бӕстыхицау уыд Иоел, дыккаг лӕг — Шафам, дарддӕр — Йанай ӕмӕ Шафат.
Гады байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Цефонӕй — Цефоны хӕдзарвӕндаг, Хаггийӕ — Хаггийы хӕдзарвӕндаг, Шунийӕ — Шунийы хӕдзарвӕндаг,
Йӕ къухы уыдысты Ермоны хох ӕмӕ Салха, стӕй Башан ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныгуылӕнӕрдыгӕй Гешуры ӕмӕ Маахайы онг, ноджы ма Галаады цӕгатаг ӕмбис Хешбоны паддзах Сигоны арӕнты онг.
ноджыдӕр Галаад ӕмӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы бӕстӕтӕ, Ермоны хох ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ Башан иууылдӕр Салхайы онг,