9 Иавец йе ’фсымӕртӕй кадджындӕр уыд. Иавец ном ыл йӕ мад сӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ, дам ӕй удхаргӕнгӕ ныййардтон.
Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».
Лӕппу нӕ фӕзивӕг кодта сунӕт скӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ уарзта Йаковы чызджы. Йӕ фыды мыггаджы ’хсӕн та Шехем тӕккӕ кадджындӕр адӕймагыл нымад уыди.
Фӕлӕ Рахел мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они; йӕ фыд та йӕ схуыдта Бениамин.
Иавец Израилы Хуыцаумӕ скуывта: «Тӕхуды, ахӕм арфӕ мын куы ракӕнис ӕмӕ мын мӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр куы скӕнис! Дӕ арм мыл куы дарис, фыдбылызӕй мӕ куы бахизис, цӕмӕй хъизӕмарӕй ма мӕлон!» Ӕмӕ йын Хуыцау сӕххӕст кодта йӕ курдиат.
Коцӕн райгуырдысты Анув ӕмӕ Цовева, стӕй дзы равзӕрдысты Харумы фырт Ахархелы артӕй рацӕугӕ мыггӕгтӕ.
Фӕстӕдӕр Ефрем йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыд, ус банхъӕлцау ӕмӕ лӕппу ныййардта. Ефрем ыл сӕвӕрдта ном Бриа, уымӕн ӕмӕ бӕллӕх ӕрцыд йӕ хӕдзарыл.
Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады зӕрдӕтӕ фыр цинӕй райӕнт, сӕ цины хъӕртӕ райхъуысӕнт!
Ахӕм зынаргъ Мын стут, афтӕ бирӕ уӕ уарзын, ӕмӕ уын уӕ сӕрвӕлтау ратдзынӕн иннӕ адӕмты, ӕнӕхъӕн дуне.
Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.
Йӕ сабийы схуыдта Ихавод, Израил йӕ кадӕй фӕцух ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ кӕй бахауд ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уымӕ гӕсгӕ.