Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 4:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Симеоны хӕдзарвӕндаджы уӕлдӕр ранымад мыггӕгтӕ уырдӕм ӕрцыдысты Иудейы паддзах Езекиайы заман, сӕхи ныццавтой Хамы байзӕддӕгты цатыртӕ ӕмӕ меунӕгты цӕрӕнтыл, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой ӕмӕ сын ӕрцардысты сӕ бынӕтты, уымӕн ӕмӕ дзы сӕ фосы дзугтӕн уыди хизӕнтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 4:41
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уый фырт Ахаз, уый фырт Езекиа, уый фырт Менассиа,


ӕмӕ уыцы сахарты алыварс хъӕутӕ — Баалы онг. Гъе адон — Симеоны хӕдзарвӕндаджы цӕрӕнуӕттӕ. Симеоны байзӕддӕгтӕ фыст цыдысты фыдӕй-фыртмӕйы номхыгъдты.


Цагъды дӕр сӕ бирӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уыд ацы хӕст. Адон та сын сӕ цӕрӕнты фӕцардысты, цалынмӕ сын сӕхи дӕр уацары нӕ атардтой, уӕдмӕ.


Суанг ма сын сӕ фыййӕутты цатыртӕ дӕр сафтид кодтой, лыстӕг фосы ӕнӕнымӕц дзугтӕ ӕмӕ теуатӕ ратӕлӕт кодтой. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ.


Уымӕй цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ, меунӕгтӕй дӕр семӕ чидӕртӕ баиу ис, афтӕмӕй Иосафаты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты.


Филистимӕгтимӕ, стӕй Гур-Баалы цӕрӕг араббӕгтӕ ӕмӕ меунӕгтимӕ куы хӕцыди, уӕд ын Хуыцау ӕххуыс кодта.


Байхъусут, Дунедарӕг, Едом ӕмӕ Теманы цӕрджытӕн цы снысан кодта, уымӕ: суанг сын сӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты. Дунедарӕг сын бабын кӕндзӕн сӕ сӕрвӕттӕ.


Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.


сидойнӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Маоны цӕрджытӕ. Куыддӕр-иу Мӕм сдзынӕзтат, афтӕ-иу уӕ Ӕз алкӕддӕр фервӕзын кодтон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ