34 Мешовав, Йамлех, Амациайы фырт Иоша,
ӕмӕ уыцы сахарты алыварс хъӕутӕ — Баалы онг. Гъе адон — Симеоны хӕдзарвӕндаджы цӕрӕнуӕттӕ. Симеоны байзӕддӕгтӕ фыст цыдысты фыдӕй-фыртмӕйы номхыгъдты.
Иоел, Йегу, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Иошивиа, Серай ӕмӕ Асиел;
Симеоны хӕдзарвӕндаджы уӕлдӕр ранымад мыггӕгтӕ уырдӕм ӕрцыдысты Иудейы паддзах Езекиайы заман, сӕхи ныццавтой Хамы байзӕддӕгты цатыртӕ ӕмӕ меунӕгты цӕрӕнтыл, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой ӕмӕ сын ӕрцардысты сӕ бынӕтты, уымӕн ӕмӕ дзы сӕ фосы дзугтӕн уыди хизӕнтӕ.