9 Адон се ’ппӕт дӕр сты Давиды фырттӕ (фырттӕ ма йын ныййардтой йӕ номылустытӕ дӕр). Сӕ хо — Тамар.
Давид Хевронӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма Йерусалимы дӕр номылустытӕ ӕмӕ устытӕ скодта, ӕмӕ ма йын уыдонӕй дӕр рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.
Соломоны фырт — Роховам, уый фырт Авийа, уый фырт Аса, уый фырт Иосафат,
Елишама, Елйада, Елифелет.