Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Иоакимы фырттӕ: Йехониа ӕмӕ Цедекиа.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 3:16
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Вавилойнаг паддзах Йехониайы бӕсты Иудейы паддзах скодта уымӕн йӕ фыды ’фсымӕр Маттаниайы. Ӕрмӕст ын радта ног ном: Цедекиа.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехониа.


Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕртӕ мӕйы. Йӕ мад Нехушта уыд йерусалимаг Елнатаны чызг.


Евил-Меродах Вавилоны паддзах куы сси, тӕккӕ уыцы аз ахӕстонӕй суӕгъд кодта иудейаг паддзах Йехониайы. Уый ӕрцыд Йехониайы ахасты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азӕн йӕ дыууадӕсӕм мӕйы дыууын ӕвдӕм бон.


Иосиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоханан, уый кӕстӕр — Иоаким, ӕртыккаг — Цедекиа, цыппӕрӕм — Шаллум.


Йехониайы фырттӕ: Асир, уый фырт — Шеалтиел;


Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн.


Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — иудейаг паддзах Йехониа, Иоакимы фырт, Мӕ къухыл мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн куы фестадаид, уӕд дӕр ӕй срӕдывтаин!


Ау, Йехониа ницӕйаг саст дурын, ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнӕн у? Йӕ байзӕддӕгтимӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уацайраг цӕмӕн сси?


Иоакимы фырт Йехониайы фӕстӕ паддзах сси Иосиайы фырт Цедекиа. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕй Иудейы паддзахӕй сӕвӕрдта.


Иосиайӕ райгуырдысты Йехониа ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ. Уый уыдис Вавилоны размӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ