Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 3:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Иосиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоханан, уый кӕстӕр — Иоаким, ӕртыккаг — Цедекиа, цыппӕрӕм — Шаллум.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 3:15
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕртӕ мӕйы. Йӕ мад Хамутал уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг.


Фараон Иудейӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидт йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Ныр Иоахазы та атардта Мысырмӕ, ӕмӕ уый уым амардис.


Вавилойнаг паддзах Йехониайы бӕсты Иудейы паддзах скодта уымӕн йӕ фыды ’фсымӕр Маттаниайы. Ӕрмӕст ын радта ног ном: Цедекиа.


уый фырт Амон, уый фырт Иосиа.


Иоакимы фырттӕ: Йехониа ӕмӕ Цедекиа.


Иудейы дзыллӕ Йерусалимы сахары Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иоахазы.


Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Дунедарӕг йемӕ ныхас кодта Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, заманы дӕр, стӕй фӕстӕдӕр, суанг иудейаг паддзах Цедекиайы, Иосиайы фырты, хицаудзинады иуӕндӕсӕм азмӕ, цалынмӕ уыцы азы фӕндзӕм мӕйы Йерусалимы цӕрджыты уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Шаллумы, йӕ фыд Иосиайы фӕстӕ хицау чи сси ӕмӕ ардыгӕй чи ацыд, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уый ардӕм нал раздӕхдзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, тыххӕй афтӕ зӕгъы: ничи йыл ныхъхъарӕг кӕндзӕн: «Уӕ, додой, ме ’фсымӕр! Уӕ, додой, мӕ хо!» Нӕ йыл ныккӕудзысты: «Уӕ, додой, мӕ хицау! Уӕ, додойаг куы фӕци йӕ кад!»


Ацы ӕвзӕр легъуиты, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны хъысмӕт та, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз бавзарын кӕндзынӕн иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн, Йерусалимы цӕрджытӕй ацы зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззади, уыдонӕн, стӕй, Мысырмӕ чи ацыди, уыдонӕн дӕр.


Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Иоакимы фырт Йехониайы фӕстӕ паддзах сси Иосиайы фырт Цедекиа. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕй Иудейы паддзахӕй сӕвӕрдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ