12 уый фырт Амациа, уый фырт Азариа, уый фырт Йотам,
Израилаг паддзах, Йоахазы фырт Йоаш, дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Иудейы паддзах сси Иоасы фырт Амациа.
Йӕ бӕсты йын иудейаг адӕм спаддзах кодтой йе ’хсӕрдӕсаздзыд фырт Азариайы.
Елайы фырт Осиа сусӕгвӕнд скодта Ремалийы фырт Фекахы ныхмӕ ӕмӕ йӕ амардта. Иудейаг паддзах Йотамы, Озиайы фырты, паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз йӕ бӕсты сси Израилы паддзах.
Израилы паддзах Фекахы, Ремалийы фырты, паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз Иудейӕн паддзах сси Озиайы фырт Йотам.
Уый тыххӕй Дунедарӕг Азариайыл хъотырниз бафтыдта, ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр уыцы низӕй не сдзӕбӕх. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуаны уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та — тӕрхонгӕнӕг.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йотам.
уый фырт Иорам, уый фырт Ахазиа, уый фырт Иоас,
уый фырт Ахаз, уый фырт Езекиа, уый фырт Менассиа,
Амациа паддзах сси фондз ӕмӕ ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мады ном — Йехоадан, уый уыди йерусалимаг чызг.
Амациайы бӕсты ӕгас Иудейы адӕм паддзахӕй расидтысты йе ’хсӕрдӕсаздзыд фырт Озиайы.
Йотам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ мад Йеруша уыди Цадокы чызг.