10 Соломоны фырт — Роховам, уый фырт Авийа, уый фырт Аса, уый фырт Иосафат,
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды сахары. Йӕ мад уыди аммонаг чызг, Наама — йӕ ном. Роховамы фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Авиам.
Аса куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат.
Роховам ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн цы хӕстытӕ райдыдтой, уыдон цыдысты, цалынмӕ Авиам паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.
Авиам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса.
уый фырт Иорам, уый фырт Ахазиа, уый фырт Иоас,
Адон се ’ппӕт дӕр сты Давиды фырттӕ (фырттӕ ма йын ныййардтой йӕ номылустытӕ дӕр). Сӕ хо — Тамар.
Йоровамӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейы паддзах сси Авийа.
Авийа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса. Йӕ заманы бӕстӕ дӕс азы дӕргъы сулӕфыди хӕстӕй.
Асайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат ӕмӕ Израилы ныхмӕ йӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кодта.