9 Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.
Уымӕ гӕсгӕ тынг ӕнувыд ут Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, ӕмӕ Йын абонау ӕдзухдӕр ӕххӕст кӕнут Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ».
уӕд-иу алы сауджын дӕр, чи йӕм ӕрбацӕуа, уымӕн йе ’взист райсӕд ӕмӕ йӕ цӕст дарӕд, цӕмӕй иууылдӕр хардзгонд цӕуа Кувӕндоны хӕлддзӕгтӕ цалцӕг кӕныныл».
Давид ӕппӕт адӕмы раз раарфӕ кодта Дунедарӕгӕн. Скуывта: «Арфӕгонд у мыггагӕй-мыггагмӕ, Дунедарӕг, нӕ фыдӕл Израилы Хуыцау!
Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.
уый дӕлбар — ӕфсады хицау Амасиа, Зихрийы фырт, Дунедарӕгӕн бархийӕ лӕггадгӕнӕг, йемӕ — дыууӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны.
Уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕгас адӕм, цингӕнгӕйӕ, хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ӕмӕ-иу цалынмӕ байдзаг ис, уӕдмӕ сӕ асыччы ӕппӕрстой.
Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ уыцы кӕритӕ куы федтой, уӕд арфӕ ракодтой Дунедарӕгӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.
Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ.
Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.
Афтӕ израилӕгтӕ иууылдӕр, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр Дунедарӕгӕн хастой бархи лӕвӕрттӕ, Дунедарӕг Моисейӕн цы куыстытӕ бафӕдзӕхста, уыдон сӕххӕст кӕнынӕн.
ӕрцӕудзӕни хӕдзармӕ, ӕрбахондзӕн йӕ хӕлӕртты, йӕ сыхӕгты ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „Цин кӕнут мемӕ — мӕ сӕфт фысы ссардтон“.
Ӕз уын адӕттӕ загътон, цӕмӕй Мӕ цинӕй хайджын уат ӕмӕ уӕ циндзинад уа ӕххӕст.
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
Сӕ къух цас нӕ амыдта, уый бӕрц куыд лӕвӕрдтой, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн.
Уӕдӕ, зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ.
Бузныг дӕн Бардарӕгӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд.
Мӕ зӕрдӕ барухс ис Израилы ӕфсады хицӕуттӕй, барвӕндонӕй хӕстмӕ цӕуӕг адӕмӕй. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!