Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 29:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 29:1
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»


Гъемӕ ныр ӕппӕт Израилы адӕмӕн дӕр дӕумӕ у сӕ каст, мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах, ӕмӕ сын фехъусын кӕн, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый тыххӕй.


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ фыд Давиды бӕсты ныр мӕнӕ Дӕ цагъары паддзах скодтай, фӕлӕ ӕз ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, хъуыддагӕн ницыма зонын.


Давид бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной Израилы зӕххыл цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, ӕмӕ сын бахӕс кодта Хуыцауы хӕдзар саразынӕн дуртӕ слӕгъз кӕнын.


Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, Дунедарӕгӕн цы хӕдзар аразын хъӕуы, уый та стыр диссаг хъуамӕ уа, ӕппӕт дунейыл йӕ ном ӕмӕ йӕ ӕрдхӕрӕны рӕсугъды кой кӕмӕн айхъуысдзӕн, ахӕм. Цӕй ӕмӕ йын ӕрцӕттӕ кӕнон аразӕн ӕрмӕг». Ӕмӕ Давид бирӕ ӕрцӕттӕ кодта йӕ амӕлӕты размӕ.


Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе ’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты.


Хъусыс, Дунедарӕг дӕу равзӕрста Кувӕндон аразынӕн. Фидар лӕуу ӕмӕ бавнал!»


Гъемӕ уын ныр Дунедарӕджы адӕмы, ӕппӕт Израилы, раз ӕмӕ нӕ Хуыцауы раз фӕдзӕхсын: нымайут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй ацы хорз зӕхх баззайа сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕстӕ уӕ байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ныууадзат мыггагмӕ.


Мӕ фырт Соломоны иузӕрдион скӕн Дӕхицӕн, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Дын куыд ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕрмӕг цы галуанӕн бацӕттӕ кодтон, уый куыд сараза».


Соломон ӕгас Израилмӕ фӕсидти: миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм.


Йӕ алыварс ӕнаккаг ӕмӕ ницӕйаг адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ хъарутӕ баиу кодтой ӕмӕ сыстадысты Роховамы, Соломоны фырты, ныхмӕ. Роховам та уӕд нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфс уыди, ӕмӕ сын ныхкъуырд раттын йӕ бон нӕ баци.


Мӕнӕн дӕр уыди фыд ӕмӕ мад, ӕз дӕр сын уыдтӕн уарзон хъӕбул, сӕ цӕсты рухс.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ