1 Азфыстытӕ 28:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст9 Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕз мӕ сӕрмӕ уый не ’рхастон, ӕмӕ паддзахӕй ракурон, цӕмӕй нын немӕ, фӕндагыл нӕ фыдгултӕй бахизыны тыххӕй, хъахъхъӕнджытӕ рарвита. Уымӕн ӕмӕ, паддзахимӕ куы дзырдтам, уӕд ын нӕ ныхас уыди: нӕ Хуыцауыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыдоныл Уый Йӕ хӕрзаудӕг арм дары, йӕхи Йыл чи атигъ кӕны, уыдоны та Йӕ азары хай бакӕны.