Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 28:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Гъемӕ уын ныр Дунедарӕджы адӕмы, ӕппӕт Израилы, раз ӕмӕ нӕ Хуыцауы раз фӕдзӕхсын: нымайут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй ацы хорз зӕхх баззайа сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕстӕ уӕ байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ныууадзат мыггагмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 28:8
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ паддзахдзинад ын сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, нырау Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕна, уӕд“.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Уӕ чызджыты сын сӕ лӕппутӕн ма дӕттут, сӕ чызджыты та сын уӕ лӕппутӕн ма курут. Уыцы зӕххыл цӕмӕй ӕрфидар уат ӕмӕ уын йӕ хорзӕхтӕй хай уа, цӕмӕй йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕйы исбонӕн ныууадзат, уый тыххӕй уӕ уымы адӕмы сӕр ничердӕм хъӕуы“.


Хӕстоны цыргъ фӕттӕ, ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ.


Ӕххӕст кӕнут, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдон. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут, сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй дӕр ма хауӕнт.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —


Дунедарӕджы чиныгмӕ ӕркӕсут ӕмӕ базонат: уыдон иууылдӕр къайгай уыдзысты уым. Уымӕн ӕмӕ сын уый Дунедарӕгӕн Йӕхи фӕдзӕхст у, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзӕн Йӕ Уды фӕрцы.


Уайтӕккӕ дӕм арвыстон, ӕмӕ, кӕй ӕрбацыдтӕ, уымӕй хорз бакодтай. Ныр мах иууылдӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй байхъусӕм, Бардарӕг дын цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕм».


Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.


Ӕмӕ, израилӕгты хистӕртӕ йемӕ, афтӕмӕй загъта адӕмӕн Моисей: «Абон уын ӕз цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон ӕххӕст кӕнут.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз лӕуут ныртӕккӕ сымах уе ’ппӕт дӕр: мыггӕгты фӕтӕгтӕ, уӕ хистӕртӕ, уӕ цӕстдарджытӕ, ӕппӕт израилӕгтӕ,


ныртӕккӕ немӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз чи лӕууы, уыдонмӕ куыд хауы, афтӕ, абон не ’хсӕн чи нӕй, уыдонмӕ дӕр хауы.


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.


Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“


Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Дунедарӕджы куы ныууадзат ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын куы райдайат, уӕд уыл Йе ’ппӕт хӕрзты фӕстӕ Йӕ фыдбылыз бафтаудзӕн ӕмӕ уӕ ныццӕгъддзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ