1 Азфыстытӕ 28:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст5 Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, хӕрзаудӕн дын Чи кӕны ӕмӕ дӕ Йӕ паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта, цӕмӕй Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, паддзахиуӕг кӕнай! Дунедарӕг Израилы адӕмы кӕй уарзы, Йӕ зӕрды сӕ мыггагмӕ ӕрфидар кӕнын кӕй ис, уый тыххӕй дӕ сӕвӕрдта паддзахӕй, цӕмӕй сын рӕстаг тӕрхон кӕнай.