Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 28:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕцӕг, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мӕ фыды ӕппӕт бинонтӕй равзӕрста мӕн, цӕмӕй мыггагмӕ уон Израилы паддзах. Фӕтӕгӕй равзӕрста Иудӕйы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй равзӕрста мӕ фыды бинонты, мӕ фыды фырттӕй та баввӕрсыд мӕныл, цӕмӕй суон ӕппӕт Израилы паддзах.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 28:4
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.


О Дунедарӕг, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн!


Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. Уымӕн ӕмӕ Дӕ арфӕйӕ, о Дунедарӕг, уый арфӕгонд уыдзӕни ӕнустӕм».


Иудӕ йе ’фсымӕртӕй тыхджындӕр уыд, ӕмӕ фӕтӕг уымӕй равзӕрди, кӕд хистӕры кад Йосефӕн лӕвӕрд уыд, уӕддӕр.


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


йӕ царды бонтӕ фӕцыбыр уӕнт, йӕ бынат та йын бацахсӕд ӕндӕр;


Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ;


Ды адӕймаджы фӕстӕмӕ сыджытмӕ раздахыс, фӕзӕгъыс адӕмӕн: «Раздӕхут сыджытмӕ!»


Нӕ Бардарӕг хурау Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй кӕй скасти, уый бӕлвырд у. Уыцы хӕдзарвӕндагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕни, уый тыххӕй Моисей ницы загъта.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын загътой: «Давид йӕхи ӕмбӕхсы Йешимоны бакомкоммӕ Хакилайы къуыбырыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ