Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 28:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 будсудзӕн нывондхӕссӕнӕн йӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, стӕй уӕрдонӕн — ома йӕ тыгъд базыртӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи ӕмбӕрзы, уыцы херувимтӕн — йӕ сыгъзӕрины уӕз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 28:18
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


фыдистӕ, кӕхцытӕ ӕмӕ къустӕн сӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, сыгъзӕрин тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы ӕвзисты уӕз;


Хуыцауы тас — сыгъдӕг, нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ. Дунедарӕгӕн йӕ тӕрхӕттӕ — ӕцӕг, иууылдӕр рӕстаг сты.


О Дунедарӕг, дзуапп мын ратт, Ды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион куы дӕ! Ӕркӕс мӕм, Дӕ хорзӕх бирӕ куы у!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Стауӕн псалом. Ӕгас зӕхх, Дунедарӕджы сыстау!


Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.


Адӕм арвыстой Силоммӕ ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ сӕрмӕ херувимтыл — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уырдыгӕй ӕрбахастой. Хуыцауы Фидыды Чырынимӕ ӕрбацыдысты Елиайы дыууӕ фырты дӕр, Хофни ӕмӕ Пинхас.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ