Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 28:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 кувӕггаг дзултӕ кӕуыл ӕрӕвӕрдӕуы, уыцы фынгтӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист фынгтӕн се ’взисты уӕз;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 28:16
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


сыгъзӕрин цырагъдарӕнтӕ ӕмӕ цырӕгъты сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист цырагъдарӕнтӕ ӕмӕ цырӕгъты ӕвзисты уӕз — алы цырагъдарӕнӕн дӕр йӕ нысанмӕ гӕсгӕ;


фыдистӕ, кӕхцытӕ ӕмӕ къустӕн сӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, сыгъзӕрин тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы ӕвзисты уӕз;


Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.


Ноджы ма сарӕзта дӕс фынджы ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты сӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. Сарӕзта сӕдӕ сыгъзӕрин кӕхцы, туг пырх кӕнынӕн.


Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ