7 Цыппӕрӕм мӕйы къорды хицау — Йоавы ӕфсымӕр Асаел, фӕстӕдӕр ӕй аивта йӕ фырт Зевадиа; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.
Церуайы фырт Йоав та рацыди Давиды хӕстонтимӕ. Гивоны цады цур фембӕлдысты, ӕмӕ иудейӕгтӕ цадӕн йӕ иу фарс ӕрлӕууыдысты, израилӕгтӕ та — йӕ иннӕ.
Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг;
Ацы Бенайа уыди Дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджынӕй иу. Фӕстӕдӕр сси сӕ хистӕр, ӕмӕ уӕд ӕртыккаг мӕйы къорды сӕргъы ӕрлӕууыд йӕ фырт Аммизавад.
Фӕндзӕм мӕйы къорды хицау — Зерахы байзӕддаг Шамхут; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.