31 лыстӕг фосмӕ — агараг Йазиз. Адон се ’ппӕт дӕр уыдысты паддзах Давиды исбонмӕ цӕстдарджытӕ.
теуатӕм — Измаелы байзӕддаг Овил; хӕрджытӕм — меронотаг Йехди;
Давиды фыды ’фсымӕр Йонатан уыди уынаффӕйы лӕг, зондджын ӕмӕ ахуыргонд; Хахмонийы фырт Йехиел уыди паддзахы фыртты хъомылгӕнӕг;
Саулы заман Рувимы фӕдонтӕ хӕцыдысты агарӕгтимӕ. Ныццагътой сӕ ӕмӕ сын сӕ цатырты ӕрцардысты Галаады ӕппӕт скӕсӕнварс.
Уыдон хӕцыдысты агараг мыггӕгтӕ Йетур, Нафиш ӕмӕ Нодавимӕ.
Ӕлхӕд цагъартӕ, усӕй, лӕгӕй, стӕй, мӕ хӕдзары чи райгуырд, ахӕм ӕххуырстытӕ мӕм бирӕ уыд. Стурвос ӕмӕ фысвос мӕнмӕ цас уыди, уый бӕрц Йерусалимы цӕрджытӕй никуы никӕмӕ уыд.
Уыцы бон уым, Дунедарӕджы хӕдзары, уыди Саулы дӕлдӕртӕй иу, йӕ фыййӕутты хицау, едомаг, йӕ ном — Доег.