3 Уый уыди Парецы байзӕддӕгтӕй, фыццаг мӕйы къорды ӕфсады хицӕуттӕн сӕ хистӕр.
Фӕлӕ уый йӕ къух фӕстӕмӕ баласта, ӕмӕ фыццаг рацыдис йе ’фсымӕр. Ӕвгъӕдгӕс загъта: «Уӕдӕ афтӕ гӕрдыс фӕндаг дӕхицӕн?» Ӕмӕ йӕ схуыдтой Парец.
Фыццаг мӕйы къорды хицау — Завдиелы байзӕддаг Йашовам; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.
Дыккаг мӕйы къорды хицау — Ахохийы байзӕддаг Додай; йӕ сӕйраг хӕстон фӕтӕг — Миклот, уыдис ӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.
Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт.
Ӕмӕ уыдысты Иудӕйы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шелайӕ — Шелайы хӕдзарвӕндаг, Парецӕй — Парецы хӕдзарвӕндаг, Зарахӕй — Зарахы хӕдзарвӕндаг.
Фыццаг бон йӕ хуынимӕ ӕрбалӕууыди Нахшон, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй.