28 Шефелайы оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕм — гедераг Баал-Ханан, сойы ӕвӕрӕнтӕм та — Йоаш;
Саулы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Ахборы фырт Баал-Ханан.
Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы арӕх уыди хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.
Израилӕгтӕ дӕр скодтой ӕфсад, семӕ райстой хӕлц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Сириӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн быдыр, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы уыдысты сӕгъты дыууӕ чысыл дзуджы хуызӕн.
Соломон Израилы дыууадӕс зылды сӕргъы сӕвӕрдта дыууадӕс уллуйы. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ хӕс уыди йӕ дӕлбар зылдӕй йӕ рады, афӕдз иу мӕйы дӕргъы, паддзахы хӕдзар хӕлцӕй ӕввонг кӕнын.
сӕндӕттӕм — рамайаг Шими, сӕны быркуытӕм та — шефамаг Завди;
Йӕ заманы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин Йерусалимы сарӕх сты хуымӕтӕг дуртау, кедртӕ та — хохрӕбын цы сикомортӕ зайы, уыдонау.
Уӕд азгъордта размӕ ӕмӕ Йӕ кӕд афтӕмӕй фенин, зӕгъгӕ, легъуи бӕласмӕ схызти, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн Йӕ фӕндаг ууылты уыди.
Шаараим, Адитаим, Гедера ӕмӕ Гедеротаим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.
Гедерот, Бет-Дагон, Наама, Македа — ӕхсӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.