22 Даны хӕдзарвӕндагӕн — Йерохамы фырт Азарел. Адон уыдысты Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ.
Елкана, Ишшиа, Азарел, Иоезер ӕмӕ Йашовам — Корахы мыггагӕй;
Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн, Галаады — Захариайы фырт Иддо; Бениамины байзӕддӕгтӕн — Авнеры фырт Йасиел;
Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе ’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты.