16 Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ: Рувимы байзӕддӕгтӕн — Зихрийы фырт Елиезер; Симеоны байзӕддӕгтӕн — Маахайы фырт Шефати;
Нахорӕн ма йӕ номылус Реума дӕр ныййардта фырттӕ: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахайы.
Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.
Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.
Дыууадӕсӕм мӕйы къорды хицау — нетофаг Хелдай, Гофниелы мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.
левиттӕн — Кемуелы фырт Хашавиа; Аароны байзӕддӕгтӕн — Цадок;
Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе ’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты.
Мысыры бӕстӕм Йаковимӕ, йӕ иннӕ ном — Израил, ӕрбацыдысты (алчи ӕд бинонтӕ) йӕ фырттӕ:
Уыдон — дзыллӕйы нымаддӕртӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, мингай израилӕгты фӕтӕгтӕ».
Мӕнӕ, ӕххуыс уын чи кӕндзӕн, уыцы адӕймӕгты нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй — Елицур, Шедеуры фырт;
Мидианаг сылгоймагимӕ чи фӕмард, уыцы израилаг хуынди Зимри, Салуйы фырт, Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.